Дзæуджыхъæуы технологон колледжы студенттæн сарæзтой лæгдзинады урок.

Йæ сæйраг нысан у студенттæн лæгдзинады дæнцæгтыл Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, цæмæй хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдты тыххæй зоной æмæ æмбарой сæ граждайнаг хæс æмæ зоной сæ фыдæлты сгуыхтыты тыххæй. Колледжы суазæг кодтой “Æфсæддон-патриотон хъомылады центр”-ы директор Хъайтыхъты Асланы æмæ центры кусджыты. Ацы центры иттæг хорз кæнынц патриотон хъомыладон куыст. Технологон колледжы патриотон нысанимæ мадзæлттæ арæх вæййынц. Мартъийы кæрон дзы студенттæн уыд хæсты ветерантимæ фембæлд.

Апрелы кæрон та колледжы 150 азы бонмæ, хуыздæр студенттæ, 20 адæймаджы, схиздзысты Фетхузы хохы цъуппмæ. Фидæны фæлтæртæн дзы арфæйы ныхæстимæ ныууадздзысты капсулæ.